Ирон этномодельер бавдисдзӕн йӕ ног коллекци Италийы

© Facebook.Цӕгатирыстойнаг дизайнер Годжысаты Изольда
Цӕгатирыстойнаг дизайнер Годжысаты Изольда  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый агъоммӕ уал оджысаты Изольдæйы национ уæлæдарæсы ног коллекци бавдыстой Дзӕуджыхъӕуы

ЦХИНВАЛ, 30 апр — Sputnik. Дзæуджыхъæуы ацыд этномодельер Годжысаты Изольдæйы национ уæлæдарæсы ног коллекцийы презентаци. Коллекци бынаты равдыстой йӕ фӕсарӕйнаг балцы размӕ, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Годжысаты Изольдæйы ныхæстæм гæсгæ, Кавказы адæмыхæттыты костюмтæ конд сты этнографты æмæ Кавказ иртасджыты зонадон куыстытæм гæсгæ.

"Равдыстмæ хаст æрцыдысты, модельерты командæ Италимæ "Русская весна на озере Гардæ"-мæ кæй аласдзæн, уыцы къабатæ. Дарӕс конд сты историон бӕрӕггӕнты бындурыл. Аивгæнæнтæ та сты, археологтæ Цæгат Кавказы территорийы цы æрмæджытæ ссардтой, уыдон. Се ппæт куыстытæ дæр сты къухæй конд", - дзырдæуы хъусинаджы.

Модельер Европæмæ фыццаг хатт нæ ласы йæ коллекци, йæ куыстытæн фæсарæнты рагæй дæр ис стыр ахадындзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0