Хуссар Ир хайад райсдзӕн "Уӕлахизы диктант"-ы

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир хайад райсдзӕн "Уӕлахизы диктант"-ы
Хуссар Ир хайад райсдзӕн Уӕлахизы диктант-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Историкон акци ацӕудзӕн Уӕлахизы боны агъоммӕ дунейы дыууын бӕстӕйӕ фылдӕры

ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ дунейы 22 бӕстӕйы 7 майы ацӕудзӕн историкон акци "Уӕлахизы диктант", кӕцы нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты цытӕн.

Хуссар Ир хайад райсдзӕн историкон акцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахизы диктант: Хуссар Ир хайад райсдзӕн историкон акцийы

Иумӕйагӕй акцимӕ бацӕттӕ кодтой 45 фӕзуаты дунейы 23 бӕстӕйы. Организаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ мадзалы хайад райсдзысты 2 500 адӕймаджы. Уыдоны хсӕн уыдзысты студенттӕ, ахуырдзаутӕ, ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ветерантӕ.

"Уӕлахизы диктант" ауадзыны тыххӕй сӕ фӕзуаттӕ бацӕттӕ кӕндзысты ӕрмӕст Россутрудничество ӕмӕ уӕрӕсейаг зонад ӕмӕ культурӕйы центры минӕварадтӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр цӕдисонтӕ дӕр, кӕцыты ӕхсӕн сты библиотекатӕ, университеттӕ, музейтӕ, культурон-историкон комплекстӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитӕ.

"Ӕхсызгон нын у, нӕ центртӕ фӕсарӕнты кӕй ссардтой цӕдисонты ӕмӕ фӕфылдӕр кодтой проекты аудитори", - бахахх кодта Россотрудничествойы разамонӕг Элеонора Митрофанова.

Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр фӕзуаттӕ сорганизаци кӕндзысты Абхаз, Австри, Азербайджан, Сомих, Белорусси, Болгари, Вьетнам, Германи, Дани, Израиль, Казахстан, Киргизи, Китай, Молдави, Польша, Серби, Таджикистан, Узбекистан ӕмӕ Чехийы.

Акци "Уӕлахизы диктант" нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 74 азы сӕххӕсты цытӕн ӕмӕ ацӕудзӕн 7 майы 22 бӕстӕйы. Диктанты сӕйраг фӕзуат уыдзӕн Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Централон музейы Мӕскуыйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0