Хуссар Иры райдыдта акци "Георгийы лентæ"

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуссар Иры райдыдта акци "Георгийы лентæ"
Хуссар Иры райдыдта акци Георгийы лентæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци "Георгийы лентæ"-йы аххæсдзæн 9-æм маймæ

ЦХИНВАЛ, 30 апр — Sputnik, Дриаты Лейла. Дыццӕджы Хуссар Иры райдыдта акци "Георгийы лентæ". ХИПУ-йы студенттæ æмæ волонтертæ уарынц патриотизм æмæ уæлахизы символтӕ столицӕйы.

"Нæ фыдæлтæ цы хæсты уыдысты, уым цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый хъуамæ ма рох кæной æрыгон фæлтæр. Адæмæн дæр æхсызгон у, дзурынц нын бузныг, цины æнкъарæнтимæ исынц Уæлахизы символ. Фæсивæд дæр уынынц, сæ архайдæй сын райгонд кæй сты æмæ тынгдæр тырнынц йе "ххæст кæнынмæ. Хуссар Ирыстон ссис Кавказы фыццаг, цыран райдыдтой уадзын акци "Георгийы лентæ", ам уый æрфидар хорз традицийæ", - ХИПУ-йы студентон советы сæрдары хæдивæгы загъта Пухаты Къоста.

Георгиаг лентæ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Георгиаг лентæ" Цхинвалы

Æппæтуæрæсейон акцийæн йæ сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæрæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, цавæр аргъæй æлхæд æрцыд Уæлахиз. Сау хæххытæ нысан кæнынц фæздæг, бурбын сырх та - арт. Афтæ та йæ хонынц сыгъдæг Георги Уæлахиздзауы дзуары кадæн. Лентæ дарын хъæуы фæрсæрдыгæй галиу риуыл.

Хæсты ахæм лентæ кодтой тырысайыл, стæй йæхи хъæбатырæй чи æвдыста, уыдоны дзы хорзæхджын кодтой. Уыцы хорз миниуæг ис абон дæр. Акци "Георгийы лентæ"-йы азæй-азмæ цы бæстæтæ архайынц, уыдоны нымæц фылдæр кæны.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0