Хуссар Иры президент тӕфӕрфӕс ракодта Шереметьевойы трагедийы фӕдыл

© Следственный комитет РФ /  Ахизын медиабанкмæШереметьевойы ссыгъд хӕдтӕхӕг
Шереметьевойы ссыгъд хӕдтӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Катастрофӕ ӕрцыд хуыцаубоны изӕры, "Аэрофлот"-ы хӕдтӕхӕг ӕрбадыны рӕстӕджы ссыгъд ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 41 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 6 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арвыста тӕфӕрфӕсы тел Уӕрӕсейы президент Владимир Путинмӕ Шереметьевойы аэропорты трагедийы фӕдыл, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн бирӕ адӕм фӕмард сты, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Мӕ зӕрдӕ фӕрыст Шереметьевойы трагедийы тыххӕй куы базыдтон, уӕд. Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы номӕй мӕ фӕнды тӕфӕрфӕс ракӕнын амӕттӕгты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Хӕдтӕхӕг Sukhoi Superjet 100-имӕ бӕллӕх ӕрцыд хуыцаубоны изӕры. Хӕдтӕхӕг тахт Мӕскуыйӕ Мурманскмӕ. 28 минуты фӕстӕ экипаж аскъуыддзаг кодта ӕрыздӕхын столицӕйы аэропортмӕ. Ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй хӕдтӕхӕг ӕрбадт ӕрмӕст дӕр дыккаг хаттӕн. Уый фӕстӕ ссыгъдысты йӕ мотортӕ ӕмӕ фӕстаг хай.

Катастрофӕйы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 41 адӕймаджы. Экипажы 4 уӕнг ӕмӕ 33 пассажиры фервӕзтысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0