Хуссар Иры ПӔК арӕнгӕрон службӕ фехъусын кодта ивгъуыд мӕйы арӕнсӕтджыты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн
Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2019 азы мартӕй фӕстӕмӕ фӕфылдӕр ис Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕн фехалджыты нымӕц

ЦХИНВАЛ, 7 мая - Sputnik. 2019 азы апрелы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл ӕрцахстой 63 арӕнсӕттӕджы, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ. Марты арӕнсӕтджыты нымӕц уыд 46.

Гуырдзыстонимӕ арӕн    - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

25 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 38 та арӕнгӕрон режим.

Хуссар Ирыстоны ПӔК арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕсттӕ арӕнсӕтджыты фӕдыл, кӕцыты фӕстиуӕгӕн 42 адӕймаджы фӕивар кодтой, дыууӕйы фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, цыппар адӕймаджы та арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивар бафидынӕй. 11 арӕнсӕттӕджы бафӕдзӕхстой, ӕртӕйы фӕдыл та уадзынц фӕдагуырды мадзӕлттӕ.

Иумӕйагӕй арӕнсӕтджытӕ бафыстой паддзахадон бюджетмӕ 205 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0