Тырыса ӕмӕ ӕмдзӕвгӕимӕ: Хуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох

© Фото из архива Марата БагаеваХуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох
Хуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европӕйы стырдӕр хохы бӕрзӕндмӕ тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ цыдысты авд боны дӕргъы

ЦХИНВАЛ, 8 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры альпинистты къорд басаста Европӕйы стырдӕр хох - Эльбрусы бӕрзонд. Президент Бибылты Анатолийы барамындмӕ гӕсгӕ хохы цъуппмӕ схастой ирон тырыса ӕмӕ мармæр фӕйнӕг, фехъусын кодта Sputnik экспедицийы къухдариуӕггӕнӕг, Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министры ӕххуысгӕнӕг Багаты Марат.

© Sputnik / Из архива Марата БагаеваХуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох
Тырыса ӕмӕ ӕмдзӕвгӕимӕ: Хуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох

Эльбрусы хох ӕвӕрд у 5 642 бӕрзӕндӕн денджызы ӕмвӕзадӕй, нымад цӕуы Еропӕйы бӕрзонддӕр хохыл.

"Президент Бибылты Анатолийы барамындмӕ гӕсгӕ къорд - 6 адӕймаджы тыхон структурӕты минӕвӕрттӕй - абалц ис экспедицийы 1 майы. Цалдӕр хатт ӕхсӕвиуат кодтам фӕндаггӕрон хъӕуты. Балцы егъау хай цыдыстӕм тымыгъы, хохы бӕрзӕндмӕ куыд хӕццӕ кодтам афтӕ рабон кодта. Зынвадат схизӕны нӕ балц адарддӕр кодтам сӕрмагонд ифтонгадимӕ. 7 майы, 9.30 сахатыл схӕццӕ стӕм бынатмӕ", - загъта Багаты Марат.

Къорд хохы цъуппмӕ схаста ирон тырыса ӕмӕ мармæр фӕйнӕг Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ.

"18 кг мармæр фӕйнӕг Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕимӕ сцӕттӕ кодта парти "Иугонд Ирыстон". Символикон нысаниуӕг ис ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕджы ӕмдзӕвгӕ кӕй схастам йӕ 160 юбилейон азы", - бафтыдта уый.

Уый ма банысан кодта, ацы бынатмӕ схызт 600 альпинисты бӕрц. Ныр сӕ нымӕцмӕ бацыдысты Хуссар Иры минӕвӕрттӕ дӕр.

Балц арӕзт ӕрцыд президент Бибылты Анатолий ӕмӕ парти "Иугонд Ирыстон"-ы финансон ӕххуысӕй.

© Фото из архива Марата БагаеваХуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох
Тырыса ӕмӕ ӕмдзӕвгӕимӕ: Хуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры альпинисттӕ басастой Эльбрусы хох
Ног хабӕртты лентӕ
0