ЦХИНВАЛ, 12 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник радтой кӕрӕдзимӕ ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады фӕдыл бадзырды ратификацион грамотӕтӕ. Бадзырд бафыстой 2018 азы Цхинвалы, хъусын кӕны РХИ сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий банысан кодта, ратификацион грамотӕтӕ кӕрӕдзимӕ раттыны фӕстӕ кӕй райдайдзӕн бадзырды реализацийыл куыст.
"Ацы бадзырды фӕстӕ нӕм ис нывӕзтытӕ, цӕмӕй бафыссӕм ӕндӕр бадзырдтӕ нӕ республикӕты министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты хсӕн", - загъта президент.
ЛАР сӕргълӕууӕг бахахх кодта, ацы цау кӕй у нысаниуӕгджын Луганск ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн.
"Мах иумӕ хъахъхъӕнӕм нӕ паддзахадты суверенитет. Ахӕм пайдаджын ӕхсӕнпаддзахадон ӕмгуыстад фадат дӕтты республикӕтӕн райтынг кӕнын демократийы институттӕ ӕмӕ экономикон потенциал", - загъта Леонид Пасечник.
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ Медойты Дмитрий ӕмӕ Владислав Бойко бафыстой бадзырд РХИ ӕмӕ ЛАР ӕхсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл.
Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сӕргълӕудӕй ӕрцыд Луганскмӕ хуыцаубоны. Делегацийы сконды сты Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Коцты Олеся, ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий, хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим, МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ӕмӕ депутат Плиты Александр.
Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.