Куыд бацӕуӕн ис уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндонмӕ: Хуссар Иры МХМ исы куырдиӕттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны радзырдтой, кӕцы ахуыргӕнӕндӕттӕм рахицӕн кодтой бынӕттӕ ацы аз ӕмӕ фехъусын кодта фӕлварӕнтӕ, кӕцытӕ хъуамӕ радтой абитуриенттӕ

ЦХИНВАЛ, 14 мая - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕгӕй фӕстӕмӕ райдайдзысты исын куырдиӕттӕ Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) ахуыргӕнӕндӕттӕм, хъусын кӕны республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

МХМ фехъусын кодта, милицийы кусджытӕ ӕмӕ республикӕйы скъолаты рауагъдонты ӕрвылаз ӕрвитынц ахуыр кӕнынмӕ Уӕрӕсемӕ министрадты хсӕн бадзырды фӕлгӕтты, кӕцы бафыстой 2009 азы ноябры.

"Ацы аз бынӕттӕ рахицӕн кодтой Уӕрӕсейы МХМ Нижний Новгороды академи, Уӕрӕсейы МХМ Волграды академи, Уӕрӕсейы МХМ Воронежы институт, Уӕрӕсейы МХМ Орелы Юридикон институт ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ Ростовы юридикон институтмӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Хуссар Ирыстоны МХМ ӕххӕст кӕндзӕн куырдиӕтты райст 15 майӕ 25 маймӕ.

ӔАМПИ дӕтты Хуссар Ирӕнӕн фондз квота  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрмӕстдӕр магистратурӕмӕ: ӔАМПИ дӕтты Хуссар Ирӕн фондз квотайы

"Уӕрӕсейы Федерацийы МХМ ахуыргӕнӕндӕттӕм кӕй фӕнды бацӕуын, уыдон хъуамӕ радтой экзаментӕ уырыссаг ӕвзаг, истори ӕмӕ математикӕйӕ, ацӕуой медицинон ӕмӕ психологон басгӕрст, афтӕ ма хъуамӕ радтой нормативтӕ физикон цӕттӕкӕнынадӕй", - фехъусын кодтой МХМ.

Конкурсон ӕвзӕрсты фӕстӕ абитуриентты арвитдзысты ахуыргӕнӕндӕттӕм. Ахуыр куы фӕуой, уӕд сын ратдзысты сӕрмагонд ном милицийы лейтенант. Ахуыры фӕстӕ курсанттӕ сӕ контракттӕм гӕсгӕ ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ адарддӕр кӕндзысты сӕ куыст Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты органты.

Ног хабӕртты лентӕ
0