Мадæлон æвзаг нын цæрдхъом уæд: президенты арфæ Ирон æвзаджы боны фæдыл

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæпрезидент раарфæ кодта ирон æвзаджы боны фæдыл
президент раарфæ кодта ирон æвзаджы боны фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадæлон æвзаджы бæрæгбон Ирыстоны дыууæ хайы дæр нысан цæуы 15 майы 2003 азæй фæстæмæ

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад архайдзæн мадæлон æвзаджы ахадындзинад фæбæрзонддæр æмæ фæуæрæхдæр кæныныл куыд æхсæнады, афтæ паддзахадон æмвæзадыл дæр. Уый тыххæй дзырдæуы президент Бибылты Анатолийы арфæйы Ирон æвзаджы бæрæгбоны фæдыл, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон нысан цæуы 15 майы 2003 азæй фæстæмæ, датæ æвзæрст æрцыд Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр"-ы мыхуыры бон.

Ирон æвзаджы бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаджы бон Хуссар Иры: конференци, тымбыл фынг æмæ цырты баконд

"Мах абон афтид къухæй не 'мбæлæм Ирон æвзаджы боныл. Республикæйы ист æрцыд æмæ царды биноныг цæуы ирон æвзаджы райрæзты программæ, куыст цæуы райдиан æмæ астæуккаг скъолаты ахуырадон æрмæгыл дæр. Ирон æвзаг нын кæддæриддæр фидар æмæ цæрдхъом уæд", - дзырдæуы президенты арфæйы.

Бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, "мадæлон æвзаг уымæй зынагъ у, æмæ нæм авдæнмæ рæвдаугæ ууыл кæй сдзурынц æмæ нæм кæй æрхæццæ æнæмæлгæ Нарты кадджытæй".

"Ирон аив дзырдæн бындур æрывæрдтой гениалон Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Елбыздыхъо. Уыдон кæй сцæрдхъом кодтой, уыцы нæртон æвзаджы фарн рæсугъдæй адарддæр кодтой сæ номдзыд фæдонтæ Нафи, Плиты Грис, Джыккайты Шамил æмæ бирæ æндæртæ", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0