ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны къуырисӕры – Фыдохы ӕмӕ мысӕн бон - мысынц Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.
Трагеди ӕрцыд 20 майы 1992 азы. Ацы бон автоколоннӕйы раз бабадтысты гуырдзиаг гарзджын ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ныццагътой сабыр цӕрджыты.
Трагедийы амӕттӕгтӕ баисты 36 адӕймаджы, кӕцыты фылдӕр уыдысты зӕронд адӕм, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 76.
Трагедийы афӕдзы боны фӕдыл республикӕйы минӕварад Уӕрӕсейы барвыста хъусинӕгтӕ дипломатон мисситӕм Мӕскуыйы.
"Абоны онг дӕр нӕ бафхӕрдтой ацы ӕвирхъау фыдракӕндты организатортӕ ӕмӕ ӕххӕстгӕнджыты. Гуырдзыстоны къухдариуӕгад нӕ дзуапп кӕны Хуссар Ирыстоны ӕрсидтыл, цӕмӕй ауадзой фӕдӕвзарӕн 1992 азы 20 майы цау ӕмӕ ӕндӕр фыдракӕндты фӕдыл, уый тыххӕй ӕмӕ ӕмбарынц сӕ бӕрндзинад", - хъусын кӕны минӕварад.
Хуссар Ирыстоны абон ӕруагътой паддзахадон тырысатӕ. Зары фӕндагыл сӕвӕрдзысты дидинджытӕ трагедийы амӕттӕгты цыртмӕ ӕмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн фыдохы митинг.