Цхинвалы аразынц ног бæстыхай Хъалонты комитетæн

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азы кæронмæ фискалон органтæн фæзындзæн ног цыппаруæладзыгон бæстыхай

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æрæвнæлдтой Хъалонтæ æмæ фиддонты комитетæн ног бæстыхай амайынмæ, фехъусын кодта Sputnik Арæзтады министрады пресс-службæйы.

Бæстыхай арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны 2018-2019 æзты экономикон райрæзты Инвестицион нывæзты фæлгæтты.

"Бæстыхай амайынц Чиаты Иосифы (раздæры Суворовы) уынгыл, йæ фæзуат у 1 400 кв метры. Проектмæ гæсгæ, бæстыхай у цыппар уæладзыгæй конд, уыдонæй иу у ныккæндон. Ныридæгæн фыццаг уæладзыг фæцис арæзт",- загътой пресс-службæйы.

Уым ма банысан кодтой, арæзтад кæй фæнд кæнынц фæуын азы кæронмæ.

Инвестицион нывæзты фæлгæтты Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты бæстыхайы арæзтадæн хицæн æрцыд 55 милуан сомæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0