ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Ирон уӕлибыхты гӕнӕн ис ӕмӕ срегистраци кӕной куыд бренд. Ахӕм хъуыды загъта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав Дзӕуджыхъӕуы, Уӕрӕсейы ӕхсӕнадон палатӕйы форум "Сообщество"-йы рӕстӕджы, хъусын кӕны портал ОсНова.
Хъусинагмӕ гӕсгӕ, ацы хъуыддаг фадат ратдзӕн аиуварс кӕнын ирон традицион хӕринаг халдих кӕныны цаутӕ.
"Мах бакусдзыстӕм ацы хъуыддагыл. Уый фӕахъаз уыдзӕн уыдон халдих ӕмӕ ӕвзӕр гъӕд ма руадзынӕн. Афтӕ ма бакусдзыстӕм нӕ уӕлибыхтӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзадмӕ ракӕныныл", - банысан кодта Битарты Вячеслав.
Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Цӕгат Ирыстон ныридӕгӕн кӕй срегистраци кодта бренд "ирон цыхт".