Уыдон лыгъдысты хӕстӕй: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья Айриян Зары трагеди
 Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕдӕгай адӕм хайад райстой фыдохы церемонийы Зары фӕндагыл трагедийы афӕдзы бон

ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Къуырисӕры райсом Хуссар Ирыстоны Зары хъӕумӕ ацыд хицауад ӕмӕ грайждайнаг хӕдтулгӕты колоннӕ.

Хуссар Ирыстоны ӕрвылаз 20 майы нысан кӕнынц Фыдохы ӕмӕ мысӕн бон. Ацы бон 27 азы размӕ автоколоннӕйы раз бабадтысты гуырдзиаг гарзджын ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ ныццагътой сабыр цӕрджыты. Амӕттӕгты фылдӕр хай уыдысты сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕронд адӕм.

© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Уыдон лыгъдысты хӕстӕй: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зары трагеди

2007 азы трагедийы бынаты бакодтой мемориалон комплекс. Хуыцаумæ дзыназæг сылгоймаджы сурæт, кӕцы йӕ аууон ӕмбӕхсы йӕ хъӕбулы. Скульптурӕйы бындур та, тар къæдзæхы дӕрзӕг уæлцъарыл, рахантæн ис адæймæгты æндæргтæ.

Церемони ӕрӕмбырд кодта иу мин хайадисӕгмӕ ӕввахс. Уыдоны хсӕн уыдысты уагдӕтты разамонджытӕ ӕмӕ кусджытӕ, хицауады минӕвӕрттӕ, студенттӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Уыдон лыгъдысты хӕстӕй: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зары трагеди

Дидинджытӕ сӕвӕрыны фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ралӕууыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

"Ирыстоны историйы ис бирӕ трагедитӕ, фӕлӕ уый у нӕ истори, кӕцы мах никуы ферох кӕндзыстӕм ӕмӕ никуы ныббардзыстӕм. Ацы трагеди баззайдзӕн Гуырдзыстоны историйы дӕр, фӕлӕ куыд фыдракӕнд адӕймагдзинады ныхмӕ", - загъта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий ӕрсидт Гуырдзыстоны къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй сын уа политикон хъӕбатырдзинад ӕмӕ басӕттой сӕ ӕфсӕддон фыдракӕндтыл.

© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Уыдон лыгъдысты хӕстӕй: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зары трагеди

Республикӕйы генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг фехъусын кодта уагдоны скъуыддзаджы тыххӕй, цӕмӕй раивой 1992 азы 20 майы фыдракӕнд "амард"-ӕй "геноцид"-мӕ.

"Геноцид у фыдракӕнд, кӕцы никуы ферох вӕййы. Мах дарддӕр агурдзыстӕм адӕмы, кӕцытӕ азымджын сты ацы трагедийы", - бахахх кодта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.

© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Уыдон лыгъдысты хӕстӕй: Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зары трагеди

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Зары трагедийы фӕдыл фӕдӕвзарӕн ис республикӕйы къухдариуӕгады хъусдарды бын.

© Sputnik / Наталья Айриян Зары трагеди
 Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Зары трагеди
© Sputnik / Наталья Айриян Зары трагеди
 Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Зары трагеди
© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Зары трагеди
© Sputnik / Наталья АйриянЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Зары трагеди
1/4
Зары трагеди
2/4
Зары трагеди
3/4
Зары трагеди
4/4
Зары трагеди
Ног хабӕртты лентӕ
0