ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik. Донецкы дыццӕджы бакодтой Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) Хъайтар, легендарон интернационалон батальон "Пятнашка"-йы командир Мамиты Олегы (сидӕн "Мамай") бюст, кӕцы амард иу азы размӕ Авдеевкӕйы цур, хъусын кӕны Донецкы ног хабӕртты агентад.
Хъайтарӕн цырт сарӕзтой столицӕйы Ленины Комсомолы номыл парчы. Церемонийы хайад райстой ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин, хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ легендарон командиры хӕстон ӕмгӕрттӕ. Мадзалмӕ сӕрмагондӕй ӕрцыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дӕр.
"Уый уыд адӕймаг, кӕцы ныууагъта йӕ сабыр цард ӕмӕ ацыд хӕстмӕ, уый тыххӕй ӕмӕ зыдта, кӕм ис рӕстдзинад ӕмӕ кӕм сты знӕгтӕ. Донецкы Адӕмон Республикӕйы цӕрджытӕ йын бузныг сты йӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй", - загъта Денис Пушилин.
Мамай фӕмард ис 2018 азы 17 майы. Фарон Мамиты Олегӕн радтой ДАР Хъайтары ном.