Цхинвайлаг æрмхæцæг Дыгъуызты Малхаз рамбылдта Европæйы чемпионат

© Sputnik / Минспорт РСО-АДыгъуызты Малхаз
Дыгъуызты Малхаз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгъуызты Малхаз спорты архайы цыппæрæм аз, ацы æмгъуыдмæ уый схызт Европæ æмæ дунейы чемпионатты пьедесталты бæрзонддæр къæпхæнтæм

ЦХИНВАЛ, 21 май— Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг спортсмен Дыгъуызты Малхаз рамбылдта сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ Европæйы чемпионаты армрестлингæй сахъатты ʻхсæн, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Лелаты Тотрадз.

Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат

Ӕрмхæцæг йæ хæзнадон баххæст кодта дыууæ майданæй.

"Алкæцы къухæй дæр ауагъта фæйнæ æхсæз тохы. Сæйраг ныхмæлæууæг нын у туркаг спортсмен, лæппутæ иухуызон хорз цæттæ сты. Финалты йæ галиу къухæй ныббырста, рахизæй разынд туркаг тыхджындæр", - загъта тренер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 75+ уæзы ныр æртæ азы дæргъы æдзух лидертæ сты Малхаз æмæ йæ туркаг ныхмæлæууæг.

"Радон фембæлд нын уыдзæн дунейы ерысты, уырдæм нæхи цæттæ кæндзыстæм", - бафтыдта Лелаты Тотрадз.

Европæйы фыццагад æмæ чемпионат армрестлингæй Грецийы разынд цхинвайлаг æрмхæцджытæн фæстиуæгджын. Нырма уал уæлахиздзау ссис Хæбæлаты Арсен, призертæ та сты Дыгъуызты Милена æмæ Джиоты Родион. Ӕртыццæджы майдантыл тохы бацæудзæн Гасситы Сослан.

Ног хабӕртты лентӕ
0