Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры равдисдзысты нырыккон хӕцӕнгарзы фадӕттӕ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры равдисдзысты ныры хӕцӕнгарзы фадӕттӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры равдисдзысты ныры хӕцӕнгарзы фадӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы цӕрджытӕн равдисдзысты нырыккон хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы фадӕттӕ

ЦХИНВАЛ, 21 май - Sputnik. Нырыккон хӕцӕнгӕрзтӕ бавдисдзысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы Хуссар Ирыстоны Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон-техникон форумы фӕлгӕтты, хъусын кӕны РИА Новости Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг, инӕлар-булкъон Александ Дворниковы ныхӕстӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы парадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы парадмӕ

Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр егъау ӕфсӕддон мадзӕлттӕ сорганизаци кӕндзысты Уӕрӕсейы 15 субъекты территорийыл, афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕты Абхаз ӕмӕ Сомихы. Хуссар ӕмӕ Цӕгат-Кавказы федералон зылдты равдисдзысты техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзы 10 мин иуӕджы, банысан кодта командӕгӕнӕг.

Хуссар ӕфсӕддон зылды форумы фӕлгӕтты архайдзысты 40 ӕфсӕддон хайады тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ. Афтӕ ма мадзӕлттӕ ӕмӕ зонадон-кусӕгон программӕйы хайад райсдзысты сӕудӕджерады фондз куыстуаты, дыууӕ зонадон-иртасӕн органзицийы ӕмӕ авд ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндоны.

Форум уагъд цӕудзӕн 28-30 июны. Алыгъуызон регионты кӕсджытӕн равдисдзысты хӕстон авиаци, ӕфсӕдты тактикон эпизодтӕ, афтӕ ма базондзысты ныры бронетехникӕйы фадӕттӕ - "летающий танк" ӕмӕ "танковый вальс".

Ног хабӕртты лентӕ
0