Цхинвайлаг боксертæ стох кæндзысты турнир "Хæстон æрмкъухты"

© Sputnik / Из архива тренера И. Кокоева Хуссар Иры боксерты къорд ацыд Ростовмæ ерыстæм
Хуссар Иры боксерты къорд ацыд Ростовмæ ерыстæм  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг къорды сконды сты фондз цæттæдæр боксеры

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксерты къорд æртыццæджы афæндараст турнир "Хæстон æрмкъухтæм" Ростовмæ. Къорды сконды ис фондз æнтыстджын боксеры, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Ивгъуыд азты ацы турниры расгуыхтысты Ӕлборты Сослан æмæ Кокойты Хетæг.

"Къæлиндарон нывæзты бахастам ацы турниры хайадист. Бæрзонд æмвæзадыл ерыстæ сты. Ацы аз Хуссар Иры командæ конд уыдзæн Боксы скъола æмæ спорты галуан "Олимп"-ы хъомылгæнинæгтæй. Ерысты архайдзысты Коцты Алексей, Хъæцлæуты Рауль, Ӕлборты Сослан, Аль-Дамари Алан æмæ Бестауты Аслан", - загъта Кокойты Ирбег.

Уый ма радзырдта, бирæнымæц уæрæсейаг боксертæй дарддæр кæй æнхъæлмæ кæсынц гермайнаг спортсментæм дæр.

Ерыстæ цæудзысты 2003-2004 гуырд спортсменты хсæн 23-26 майы Ростовы. Командæимæ ацыд тренертæй сæ иу - Плиты Азæмæт. Финансон хæрдзтæ æмбæрзы Спорты комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0