ЦХИНВАЛ, 23 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы цӕрджытимӕ. Президент радзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн къухдариуӕгады куысты тыххӕй адӕмы цардуавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл, хъӕуы цӕрджытӕ та ӕрдзырдтой сӕ проблемӕтыл, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.
"Иууыл стырдӕр проблемӕ ӕрмӕст Къостайы хъӕуы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр хъӕуты дӕр у цӕрӕнуаты арӕзтад. 2017 азӕй фӕстӕмӕ мах райдыдтам аразын хӕдзӕрттӕ ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕн сӕ цӕрӕнуат ныппырх ис 2008 азы хӕсты рӕстӕджы", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Хъӕуы цӕрджытӕ ма хъаст кодтой нуазыны доны цухдзинадӕй.
"Махмӕ нуазыны дон нӕ цӕуы. Кӕцыдӕр хӕдзӕртты ис, фӕлӕ махмӕ та нӕй. Уый у стыр проблемӕ", - загъта цӕрджытӕй иу.
Президент бахӕс кодта Цхинвалы районы хӕдивӕг Бибылты Валерийӕн ӕмӕ районы Цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады сӕргълӕууӕг Хъотайты Борисӕн аскъуыддзаг кӕнын ацы проблемӕ.
Кӕцыдӕр цӕрджытӕ хъаст кодтой хъӕуы администрацийы сӕрдарӕй дӕр. Ӕмбырдыл фехъусын кодтой, уый кӕй нӕ архайы, цӕмӕй фенцондӕр кӕна хъӕуы царджыты цард.
Президент банхъардта, цӕмӕй хъӕуы цӕрджытӕ сӕхӕдӕг равзарой сӕ администрацийы сӕрдары.
Фембӕлды рӕстӕджы ма ӕрдзырдтой уынгты рухс ауадзын ӕмӕ фӕндӕгты арӕзтадыл, афтӕ ма сорганизаци кӕнын спорты секцитӕ сывӕллӕттӕн.