Цхинвайлаг дизайнер бавдисдзæн йæ куыстытæ æхсæнадæмон конкурс "FASHION Битва"-мæ

© Фото из архива Х.Бекоева Цхинвайлаг дизайнер бавдисдзæн йæ куыстытæ æхсæнадæмон конкурс "FASHION Битва"-мæ
Цхинвайлаг дизайнер бавдисдзæн йæ куыстытæ æхсæнадæмон конкурс FASHION Битва-мæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы рацæудзысты коллекцитæ – "Вторая любовь" æмæ "Fashion squad"-æй фæйнæ æхсæз "look"-ы

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох бавдисдзæн йæ куыстытæ æрвылазон æхсæнадæмон конкурсы "FASHION Битва"-ы æвзарæн этапы Дзæуджыхъæуы. Мадзалы рацæудзысты коллекцитæ – "Вторая любовь" æмæ "Fashion squad"-æй дарæс, фехъусын кодта Sputnik дизайнер йæхæдæг.

Бекъойты Хох у иунæг дизайнер Хуссар Ирæй, кæцы архайы æхсæнадæмон равдыстты.

"Дзæуджыхъæуы цæудзæн конкурсы æвзарæн этап, архайдзæн дзы 8 дизайнеры. Ам æвзæрст чи рацæуа, уыдон ацæудзысты Мæскуымæ 15 декабры финалон хаймæ. Конкурсмæ бавдисдзæн мæ дыууæ коллекци – "Вторая любовь" æмæ "Fashion squad"-æй фæйнæ æхсæз "look"-ы", - загъта Бекъойты Хох.

Конкурсæн бындур æвæрд æрцыд 2016 азы журнал "Esque"-йы æмархайдæй.

Модæйы дунейы Бекъойты Хох йæ архайд райдыдты 2016 азы, бантыст ын бацæттæ кæнын æртæ коллекци – "Наваждение", "Вторая любовь" æмæ "Fashion squad", уый бæрц райста хорзæхтæ дæр. Уыд ын равдыст Цхинвалы. У Хуссар Ирыстоны иунӕг фӕсивӕдон журнал "CXINVAL magazine" редактор ӕмӕ дизайнер.

Мадзал цæудзæн 26 майы Дзæуджыхъæуы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0