Бибылты Анатолий юстицийы кусджыты тыххӕй: хъахъхъӕнынц закон ӕмӕ рӕстдзинад

© Пресс-служба президента РЮОЮстицийы кусӕджы бон
Юстицийы кусӕджы бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны къуырисӕры фыццаг хатт нысан кӕнынц юстицийы кусджыты профессионалон бӕрӕгбон, ацы бӕрӕгбоны фӕдыл сын раарфӕ кодта республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы кусджытӕ алыхатт дӕр ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сфидар кӕной барадон фӕтк республикӕйы, дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы Юстицийы кусӕджы боны цытӕн.

"Сымах ӕххӕст кӕнут конституцион принциптӕ ӕмӕ ӕххуыс кӕнут ӕхсӕнады барадон культурӕйы райрӕзтӕн. Уӕ куыст ӕмӕ профессионализмы руаджы райтынг ис закондӕттынад ӕмӕ сфидар ис нӕ паддзахад", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий загъта бузныг юстицийы кусджытӕн сӕ иузӕрдыгдзинады тыххӕй куыстмӕ.

Юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕзынд ног бӕрӕгбон

"Уырны мӕ, уӕ зонындзинӕдтӕ, фӕлтӕрддзинад ӕмӕ активон граждайнаг позицийы руаджы нӕ Фыдыбӕстӕ райтынг уыдзӕн", - бахахх кодта президент.

Хуссар Ирыстоны Юстицийы кусӕджы бон нысан кӕнынц фыццаг хатт – сфидар ӕй кодтой 2019 азы марты республикӕйы президенты барамындӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0