Цхинвалы фӕбӕрӕг сты турнир "Сӕрак пурти"-йы уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы фӕбӕрӕг сты турнир "Сӕрак пурти"-йы уӕлахиздзаутӕ
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты турнир Сӕрак пурти-йы уӕлахиздзаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир уагъд цыд 22-26 майы, сӕйраг призыл тох кодтой 18 командӕйы

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕбӕрӕг сты ӕрвылазон турниры уӕлахиздзаутӕ футболӕй уынгон командӕты хсӕн клуб "Сӕрак пурти"-йы призтыл. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта горӕты администрацийы культурӕ, фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты хайады хистӕр Битеты Гурам.

Турнир футболӕй  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕрак пурти: Цхинвалы тохы бацыдысты 18 футболон командӕйы

Турнир уагъд цыд 22-26 майы. Сӕйраг призыл тох кодтой 18 командӕйы ӕртӕ кары къорды.

"Хъӕзтыты фӕстиуӕгӕн, Нӕузӕххонты уынджы командӕ рамбылдта кӕстӕр кары къорды хсӕн, дыккаг бынатыл ацыд микрорайон "Жилмассив"-ы командӕ", - загъта Битеты Гурам.

Уый ма банысан кодта, астӕуккаг кары къорды уӕлахиздзау ссис Сталины уынджы командӕ, дыккаг бынатыл ацыд фӕндзӕм скъолайы районы командӕ, ӕртыккаг бынат та бацахста Советон уынджы командӕ.

"Хистӕр кары къорды хсӕн уӕлахиздзаутӕ баисты фӕндзӕм скъолайы районы фӕсивӕд. Дыккаг бынатыл ацыд скъола "Альбион" ӕмӕ ӕртыккагыл та микрорайон ЦАРЗ-ы командӕ", - бахахх кодта Битеты Гурам.

Битеты Гурам банысан кодта турниры бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, командӕты, кӕцытӕ бацахстой призон бынӕттӕ, схорзӕхджын кодтой майдантӕй, грамотатӕй ӕмӕ кубоктӕй.

Ерысты организатор уыд Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты хайад.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0