Хӕдбардзинады рупор: Бибылты Анатолий саргъ кодта Хуссар Иры журналистты тӕссаг куыстӕн

© Пресс-служба президента РЮОРХИ президент Бибылты Анатолий
РХИ президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы мыхуыр ӕмӕ информацийы паддзахадон комитет дыццӕджы нысан кӕны йӕ сӕвзӕрдыл 27 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон, ацы цауы фӕдыл уагдоны коллективӕн раарфӕ кодта президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны информацион уагдон бахаста стыр хайбавӕрд республикӕйы паддзахадон райрӕзтмӕ, ӕххӕст кодта бӕстӕйы хӕдбардзинады рупоры функцитӕ информацион блокадӕйы рӕстӕджы. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арфӕйы мыхуыр ӕмӕ информацийы паддзахадон комитеты кусджытӕн уагдоны сӕвзӕрдыл 27 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны йӕ пресс-службӕ.

Паддзахадон комитет сарӕзтӕуыд 1992 азы 28 майы, уый ссис Хуссар Ирыстоны фыццаг паддзахадон органтӕй иу.

"Никуы ферох кӕндзыстӕм, хуссарирыстойнаг журналисттӕ хӕсты рӕстӕджы куыд агуырдтой объективон информаци ӕмӕ ныхмӕ лӕууыдысты Гуырдзыстон ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты информацион машинӕйӕн, кӕцытӕ ӕвдыстой дунейы ӕхсӕнадӕн мӕнг информаци Хуссар Ирыстоны цауты тыххӕй", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Президент бахахх кодта, хуссарирыстойнаг ДИФ-ты минӕвӕрттӕм алыхатт дӕр кӕй уыд стыр профессионализм, активон граждайнаг позици, кад сӕ аудиторимӕ ӕмӕ тырнындзинад хӕссын объективон информаци.

Уымӕй дарддӕр ма Бибылты Анатолий равдыста ныфс, паддзахадон комитеты кусджытӕ кӕй адраддӕр кӕндзысты фыдыбӕстӕйон журналистикӕйы хуыздӕр традицитӕ ӕмӕ уыдзысты профессионалтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0