ЦХИНВАЛ, 28 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицæйы зæронд хиды реконструкци хаст æрцыд социалон-экономикон райрæзты инвестицион нывæзтмæ. 2019 азы объекты уавæр сахуыр кæндзысты æмæ сцæттæ кæндзысты йæ рацарæзты проект, загътой Sputnik Арæзтады министрады пресс-службæйы.
Цхинвалы 13 коммунары уынгыл уæвæг зæронд хид нымад цæуы аварионыл, тобæгонд дзы у уæзласæн транспорты змæлд. Объекты дæргъ у 44 метр, инвестицион нывæзты йæ реконструкцийæн хицæн æрцыд 147 милуан сомы.
"Ацы аз зæронд хидæн сахуыр кæндзысты йæ уавæр æмæ уый фæстæ бавналдзысты йæ реконструкцийы проект цæттæ кæнынмæ. Йæ рацарæзт снысан кодтой 2020-2021 æзтæм. Фидарæй бæрæг у, хид кæй рауæрæх кæндзысты, фæлæ уыимæ иумæ хъахъхъæд ʻрцæудзысты йæ архитектурон формæтæ", - загътой пресс-службæйы.
Уым ма радзырдтой, хид арæзт кæй фæуыдзæн 2021 азы.
Зæронд хид Хуссар Иры, историон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны хайады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арæзт æрцыд 1903 азы.
Инвестицион нывæзты фæлгæтты ма æввахс æзты арæзт æрцæудзæн Дзауы районы Леуахийы сæртыл хид Бузалайы хъæумæ.
Инфраструктурæйы иу ахæм объект ма фæзындзæн Гуфта-Къуаисайы трассæйыл дæр.