Хъаугъайаг уынаффæ: Цхинвайлаг дизайнер рамбылдта "FASHION Битва"-ы æвзарæн этап

© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвайлаг дизайнер рамбылдта "FASHION Битва"-ы æвзарæн этап
 Цхинвайлаг дизайнер рамбылдта FASHION Битва-ы æвзарæн этап - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг жюри равзæрста æндæр уæлахиздзауы, фæлæ уынаффæйы ныхмæ растадысты конкурсы архайджытæ

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕхсæнадæмон конкурс "FASHION Битва"-йы æвзарæн этапы дизайнерты æнæразыдзинады фæстæ организатортæ финалмæ балцæг радтой хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хохæн. Уымæй размæ уый уыд дыккаг бынатыл.

Ӕхсæнадæмон конкурсы "FASHION Битва" финал ацæудзæн декабры Мæскуыйы, уырдæм дизайнер бахуыйдзæн ног дарæс дæр.

Дизайнер Бекъойты Хох конкурс Пульс моды-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Хохы коллекци "Дыккаг уарзт" ссис модæйы конкурсы лауреат

"Дзæуджыхъæуы конкурсы æвзарæн этапы жюри уæнгты уынаффæйыл не ʻсразы сты конкурсы архайæг дизайнертæ. Протесты фæстиуæгæн равдысты æрмæг æрвыст æрцыд организатортæм Мæскуымæ æмæ Петербургмæ, уым мæ коллекци банымадтой хуыздæрыл æмæ мæ фæхуыдтой Мæскуымæ финалон хаймæ", - загъта Sputnik дизайнер йæхæдæг.

Конкурсмæ Хох аласта йæ коллекцитæ – "Вторая любовь" æмæ "Fashion squad"-æй дарæс.

Конкурсæн бындур æвæрд æрцыд 2016 азы журнал "Esque"-йы æмархайдæй.

Модæйы дунейы Бекъойты Хох йæ архайд райдыдты 2016 азы, бантыст ын бацæттæ кæнын æртæ коллекци – "Наваждение", "Вторая любовь" æмæ "Fashion squad", уый бæрц райста хорзæхтæ дæр. Уыд ын равдыст Цхинвалы. У Хуссар Ирыстоны иунӕг фӕсивӕдон журнал "CXINVAL magazine" редактор ӕмӕ дизайнер.

Ног хабӕртты лентӕ
0