Семинартӕ, экскурситӕ ӕмӕ футбол: Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц фыццаг фӕсивӕдон форуммӕ

© Sputnik / Ада БагианУӕрӕсейаг-ирон фӕсивӕдон форум
Уӕрӕсейаг-ирон фӕсивӕдон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форум суыдзӕн ахуырадон фӕзуат фӕсивӕдӕн

ЦХИНВАЛ, 30 мая — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хӕларадон бӕстӕты сӕдӕ минӕварӕй фылдӕр ӕрцӕудзысты республикӕмӕ фыццаг уӕрӕсейаг-ирон фӕсивӕдон форуммӕ.

Уӕрӕсе, ЛАР, ДАР, Днестыргӕрон, Абхаз, Хӕххон Карабах ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдмӕ 11-15 июны ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты семинартӕ, тымбыл фынгтӕ, мастер-класстӕ, спортивон хъӕзтытӕ ӕмӕ цымыдисон баныхас, радзырдтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Организаторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, форумы сӕйраг хӕслӕвӕрд уыдзӕн саразын иугонд фӕзуат фӕсивӕды хсӕн ӕмархайдӕн.

"Форумы нысаниуӕг  - саразын ахуырадон фӕзуат фӕсивӕдӕн, ӕххуыс кӕнын ӕвзонг фӕлтӕры проектон архайдӕн, афтӕ ма ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон ӕмгуыстады райрӕзт", - радзырдтой уагдоны.

Фæсивæдон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æмархайды фæзуат: Цхинвалы ацæудзæн I ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум

Фӕсивӕдимӕ кусдзысты ахуыргондтӕ, амалиуӕггӕнджытӕ, политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ. Уымӕй дарддӕр ма ӕвзонг фӕлтӕрӕн сорганизаци кӕндзысты экскурситӕ Хуссар Ирыстоны историкон бынӕттӕм.

"Форумы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн паддзахадон драмон театры, цы ран хайад райсдзысты президент Бибылты Анатолий, "Уӕрӕсейы фӕсивӕды" разамонӕг Александр Бугаев ӕмӕ Ресурсон фӕсивӕдон центры сӕргълӕууӕг Алексей Любцов", - загътой фӕсивӕдон комитеты пресс-службӕйы.

Афтӕ ма форумы хайадисджытӕ ауадздзысты хӕларадон хъаст футболӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0