Цӕгат Иры парламент банхъардта фенцондӕр кӕнын рӕстӕгмӕ баласт Хуссар Иры арӕныл

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæТаможнӕ
Таможнӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куырдиат барвыстой Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар ӕмӕ Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕгмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 июн – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны парламент банхъардта Уӕрӕсейы къухдариуӕгадмӕ сисын арӕнӕвӕрдтӕ транспортон фӕрӕзты баласт ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты уӕвынадӕн Уӕрӕсеййы территорийыл. Цӕгат Ирыстоны депутаттӕ бадзырдтой уый фӕдыл Уӕрӕсейы хицауады сӕрдар Дмитрий Медведмӕ ӕмӕ Паддзахадон думӕйы сӕргълӕууӕг Вячеслав Володинмӕ.

Амӕйразмӕ Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Дзамболат банхъардта фенцондӕр кӕнын транспортон фӕрӕзты баласт Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсейы территоримӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы процедурӕйыл ӕмбӕстӕгтӕ хардз кӕнынц бирӕ рӕстӕг.

"Ныртӕккӕ Цӕгат Ирыстоны территорийыл цӕрынц Хуссар Ирыстоны бирӕ ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ иудадзыг хизынц арӕны уылты, цӕмӕй бабӕрӕг кӕной сӕ хиуӕтты, афтӕ ма райтынг кӕной кусӕгон ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ", - банысан кодта законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады комитеты сӕрдары хӕдивӕг Елдзарты Медея.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕдыл РЦИ-Аланийы парламент бадзырдта Уӕрӕсейы хицауад ӕмӕ парламентмӕ, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕной федералон законы проекты райст, афтӕ ма бафыссой бадзырд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн, кӕцымӕ гӕсгӕ фенцондӕр кӕндзысты транспортон фӕрӕзты баласт Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсейы территоримӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0