Дæсгай фæткхалджытæ: Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Гуырдзыимæ арæны уавæр

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Арæнхъахъхъæнæг
Арæнхъахъхъæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалджыты нымæц майы, апрельмæ абаргæйæ, нæ фæивта, банысан кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Ацы аз майы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны алыгъуызон фадгуытыл æрцахстæуыд 62 фæткхалæджы. Уый у иу цау къаддæр, апрельмæ абаргæйæ, хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитет (ПӔК).

Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæивтой Гуырдзыстонимæ арæны сæрты хизыны фæтк

Уагдоны банысан кодтой, фæткхалджытæй 26 кæй фехæлдтой арæны режим, 36 арæнгæрон режим.

ПӔК арæнгæрон службæ ауагъта равзæрст ацыл фæткхалæн цауы фæдыл дæр. Уый фæстиуæгæн фæивар кодтой 34 адæймаджы, фондз бафыстой административон ивар æмæ феддæдуар сты республикæйæ, æртæйы феддæдуар кодтой æнæ иварон санкцитæй, 20 адæймаджы та райстой фæдзæхстытæ.

Ивартæй республикæйы бюджетмæ бацыд 126 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0