"Хурзæрин"-ы юбилей: ног хабæрттæ мадæлон æвзагыл

© фото из архива Дриаевой Лейлы Газет "Хурзæрин"-ы коллектив
 Газет Хурзæрин-ы коллектив - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
95 азы дæргъы "Хурзæрин" цæрджыты зонгæ кæны ног хабæрттимæ мадæлон æвзагыл

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны иунæг ирон газет "Хурзæрин"-æн ацы аз у юбилейон – æххæст ыл кæны 95 азы. Ӕппӕт ацы рæстæджы уый цæрджыты зонгæ кæны бынæттон царды уагимæ, Ирыстоны политикон, æхсæнадон, культурон хабæрттæ алы хæдзармæ дæр хæццæ кæны мадæлон æвзагыл. Уымæн та ис стыр нысаниуæг, æвзагæй дарддæр ма ирон газет у æгъдауы ратæдзæн дæр, уымæн æмæ ӕгъдау зын бамбарæн у æнæ мадæлон æвзаг зонгæйæ.

Гæззаты Иван, газеты культурӕйы хайады редактор: "Республикæйы цæрджыты уарзондæр газетты 'хсæн раздæр уыд "Хурзæрин". Хъыгагæн, абоны бон алкæцы адæймаг нæ аргъ кæны йæ мадæлон æвзагæн. Ирон газет чи нæ кæсы, æмæ ма афтæ чи фæзæгъы иронау не 'мбарын, зæгъгæ, уыймæй цæй ирон ис? Мæ хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ ирон адæймаг йæ райгуырæн бæстæйы хабæрттæ, фыццаджыдæр, ирон газетæй базона."

Æлборты Агуындæ, секретариаты кусæг: "Ацы аз нæ газеты равзæрдыл сæххæст 95 азы. Уæдæй нырмæ æхсæнадон, политикон, этнографион, культурон, патриотон газет, фыццаджыдæр, архайы адæмæн рæстаг хабæрттæ хъусын кæныныл. Фæстаг рæстæг та газеты фæзынд ивындзинæдтæ. Мыхуыргонд дзы æрцæуынц æрыгон фысджыты фыццаг къахдзæфтæ дæр. Ныртæккæ "Хурзæрин"-æн йæ тираж у 1 мин æмæ æрдæг экземплярæй фылдæр. Нырыккон дуджы дзыллон информацион фæрæзты æмрæнхъ æрлæууыд интернет. Уымæ гæсгæ, газет "Хурзæрин"-æн дæр ис йæхи сайт. Уыдон цымыдисæй кæсынц Уæрæсейы горæтты æмæ фæсарæйнаг бæстæты цæрæг ирæттæ. Бирæтæн сæ бæллиц у ирон газет йæ райдианæй йæ кæронмæ бакæсын".

Бестауты Валя, экономикæйы хайады редактор: "Не 'взаджы ис нæ истори, æмæ не 'взаг куы фесафæм, уæд йемӕ сæфынц нæ истори, не 'гъдæуттæ, стæй нæ адæм дæр. Æмæ цæмæй ма фесæфа, уый тыххæй уыцы хъуыддагыл архайы газет "Хурзæрин". Фæнды нӕ, цæмæй уыцы арфæйаг, ахсджиаг хъуыддаджы алы ирон дæр нæ фарсмæ куы рбалæууид".

Ног хабӕртты лентӕ
0