Хуссар Ир хайад райсдзӕн егъау рок-фестивалы Донецкы

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир хайад райсдзӕн егъау рок-фестивалы Донецкы
Хуссар Ир хайад райсдзӕн егъау рок-фестивалы Донецкы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афтӕ ма музыкалон форумы хайад райсдзысты рок-музыканттӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik. Рок-музыканттӕ Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзысты егъау рок-фестивалы, кӕцы ацӕудзӕн августы кӕрӕтты Донецкы Адӕмон республикӕйы.

Хъуылымбегты Лейла  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн авторон зарӕджы фестиваль

Хайадисджыты нӕмттӕ нырма нӕ хъусын кӕнынц, радӕтта портал News-front адӕмон сфӕлдыстад ӕмӕ кинойы республикон хӕдзары генералон директор Максим Романовскийы ныхӕстӕ.

"Августы кӕрӕтты культурӕйы министрад нывӕнды ауадзын рок-фестиваль ӕмӕ фӕхонын артистты Уӕрӕсейӕ, афтӕ ма хӕларадон республикӕтӕй дӕр – Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазӕй. Фестиваль уыдзӕн тынг цымыдисон", - банысан кодта Романовский ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, мадзал ацӕудзӕн Донецкы сӕйраг фӕзуатыл.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0