Хуссар Иры радон уӕлахиз ConIFA-йы: ацы хатт рамбылдтой Паданийы командӕйы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры радон уӕлахиз ConIFA-йы
Хуссар Иры радон уӕлахиз ConIFA-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг командӕ рамбылдта Паданийы 2:1 хыгъдӕй Степанакерты

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Европӕйы чемпионаты ConIFA – 2019 Хӕххон Карабахы Хуссар Ирыстоны командӕ рамбылдта йӕ дыккаг хъаст.

Хуссар Иры командæ рамбылдта йæ фыццаг фембæлд ConIFA – 2019-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры командæ рамбылдта йæ фыццаг фембæлд "ConIFA – 2019"-йы

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Паданийы хсӕн хъаст ацыд Степанакерты.

Хъасты бирӕ рӕстӕг нӕ уыд голтӕ, ӕрмӕстдӕр дыккаг таймы 20-аздзыд размӕбырсӕг Гуырциаты Батрадз бакодта фыццаг гол. Бӕззаты Ибрагимы цӕф хъазты 80-ӕм минутӕйыл ӕрхаста нӕ командӕйӕн ноджы иу гол.

Хъазты хыгъд хъуамӕ баззадаит афтӕмӕй, фӕлӕ 89-ӕм минутӕйыл Паданийӕн бантыст среализаци кӕнын пенальти.

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий телефонӕй раарфӕ кодта хъазджытӕн сӕ уӕлахизы цытӕн, фехъусын кодта Sputnik паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Ныртӕккӕ президент ис Хӕххон Карабахӕй республикӕмӕ фӕндагыл. Уый фӕдзырдта телефонӕй командӕйы хъазджытӕм ӕмӕ банысан кодта, ӕхсызгон ын у, лӕппутӕ кӕй ӕвдисынц командон ныфс", - радзырдта Гасситы Дина.

Афтӕмӕй, хуссарирыстойнаг командӕ дарддӕр фидарӕй цӕуы турнирон таблицӕйыл: абон, 15.00 сахатыл нӕ хъазджытӕ фембӕлдзысты Секейы крайы командӕимӕ Аскераны.

Зноны хъазтмæ бакæсæн ацы адресыл myCujoo.

Футболон организаци ConIFA æрцыд арæзт 2013 азы июны æмæ иу кæны æнæнымад бæстæты футболон ассоциациты. 2018 азы сӕрды Лондоны ацыд ConIFA дунейы кубок. Уӕд Хуссар Ирыстоны футболисттӕн нӕ бантыст райсын ӕмбӕлгӕ баллтӕ, цӕмӕй хайад райсой ерысты, фӕлӕ сӕ фӕхуыдтой турнирмӕ, куыд уазджыты, афтӕ. Футболисттӕ рацыдысты националон тырысаимӕ хайадисджыты традицион парады рӕстӕджы.

Европæйы Чемпионат ConIFA цæудзæн Хæххон Карабахы 9 июньмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0