Мæскуыйы бакодтой æвзарæн фадыг Хуссар Иры парламентон æвзæрстытæм

© Sputnik / Наталья АйриянМæскуыйы бакодтой æвзарæн фадыг Хуссар Иры парламентон æвзæрстытæм
Мæскуыйы бакодтой æвзарæн фадыг Хуссар Иры парламентон æвзæрстытæм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы æдде 9 июны бакæндзысты цыппар æвзарæн фадыджы, се хсæн иу уæрæсейаг столицæйы

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæм кандидаттæн схъæлæс кæныны фадат уыдзæн Мæскуыйы æвзарæн фадыджы, уый бакодтой республикæйы минæварады, хъусын кæны дипминæварады пресс-службæ.

Хуссар Ирыстоны радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны. Æдæппæтæй кусдзæн 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй цыппар – фæсарæнты. Мæскуыйæ дарддæр ма дыууæ фадыджы бакæндзысты Цæгат Ирыстоны, ноджы ма иу та Сухумы.

"Централон æвзарæн къамисы уынаффæмæ гæсгæ æмбæстæгты æвзæрстон бартæ сæххæст кæныны оххыл Хуссар Иры минæварады Мæскуыйы бакотой æвзарæн фадыг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕхсӕзӕм ӕрсидты парламент фӕуд кӕны йӕ куыст

ЦӔК-ы уынаффæмæ гæсгæ республикæйы æддейæ хъæлæс кæндзысты партион номхыгъдтæм гæсгæ. Парламентон æвзæрстыты архайынц политикон партитæ "Иугонд Ирыстон", "Дзыллæйы иудзинад", "Ныхас", "Иудзинад", "Адæмон парти", "Фыдыбæстæ", "Коммунистон парти".

Ӕвзарæн фадыг № 74 арес: Мæскуы, Курсовой переулок, хæдзар 9, 4-æм уӕладзыг (м. Кропоткинская).

Республикӕйы фыццаг хатт фӕстаг 15 азмӕ парламентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ гӕсгӕ. 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг та - иумандатон зылдтæм.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0