Цхинвалы ӕххӕст кӕнынц бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты раз территориты хӕрзарӕзтад

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы ӕххӕст кӕнынц бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты раз территориты хӕрзарӕзтад
Цхинвалы ӕххӕст кӕнынц бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты раз территориты хӕрзарӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзарӕзтады куыстытӕ ауадздзысты 12 муниципалон хӕдзары раз

ЦХИНВАЛ, 5 июня — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы администраци нывӕнды азы кӕрӕттӕм сӕххӕст кӕнын дӕс миниципалон хӕдзарӕй фылдӕры хӕрзарӕзтад. Столицӕйы мэрийы радзырдтой Sputnik, ныртӕккӕ кусджытӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл хӕдзӕртты хӕрзарӕзтад.

Зӕронд агъуысты демонтаж  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сквертӕ ӕмӕ ног фасадтӕ: цы ногдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Хуссар Иры столицӕмӕ

"Кусынц дзы ӕртӕ бригадӕ. Куыст уагъд цӕуы дыууӕ этапы: фыццаг ссыгъд кӕндзысты территори, уый фӕстӕ сӕххӕст кӕндзысты йӕ хӕрзарӕзтад", - загътой уагдоны.

Афтӕ ма кусджытӕ сликвидаци кӕндзыстӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты цур цӕхӕрадӕттӕ, кӕцытӕ халынц уынгты хуыз ӕмӕ хъыгдарынц хӕрзарӕзтады куыстытӕ.

"Иймӕйагӕй ацы аз горӕты администраци сӕххӕст кӕндзӕн фондз хӕдзары территориты хӕрзарӕзтад. Ноджы ма авд хӕдзары куыстытӕ сӕххӕст кӕндзысты финансон фӕрӕзты руаджы, кӕцытӕ рахицӕн кодтой республикӕйы президенты барамындӕй", - загътой мэрийы.

Муниципалон хӕдзӕртты хӕрзарӕзтады куыстытӕ горӕты администраци райдыдта уадзын Цхинвалы 2018 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0