Джиоты Люба: фæнды мæ равдисын дунейæн ирон эстрадæйы ног верси

© Sputnik / Наталья АйриянЛюба Джиоева
Люба Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызг æрæджы рамбылдта вокалон конкурс Цæгат Иры, цыбыр æмгъуыдмæ зарджытæ ссисты уарзон Ирыстоны дыууæ хайы дæр – зæлынц радиотæ, хæдтулгæтæ, телефонтæй. Ӕнæнхъæлæджы фæсивæд дæр бауарзтой ирон зарæг

- Люба, арфæ дын кæнын дæ уæлахизы фæдыл - æрæджы рамбылдтай Цæгат Иры национ телеуынынад "Осетия-Ирыстон"-ы вокалон конкурс "АЗАР МА". Радзур ма нын, куыд бахаудтæ конкурсмæ?

- ХИПУ-йы мæ хъусдард аздæхтон зарæггæнæджы дæсныйадмæ. Ахуырадон уагдон ссис уыцы къуым, цы ран æз райхæлдтæн ацы хаххыл. ХИПУ алы студентæн дæр фадат дæтты йе 'взыгъддзинад æмæ курдиат райхалынæн, афтæ рауад мæ царды дæр. "ЮОГУ-ТВ"-йы мæ ме ʻмкусджытæ сразы кодтой раттын куырдиат вокалон конкурс "АЗАР МА"-мæ. Музыкæйы хаххыл никуы ахуыр кодтон, æрмæст скрипкæйыл цагътон Аивæдты лицейы ахуыры рæстæджы. Ам ме 'мвæзад райтынг ис, мæ цæст дардтон аннæ архайджытæм, раст кодтон мæхи рæдыдтытæ.

- Кæцæй дæм ис музыкæмæ уарзондзинад? Дæ фыд æмæ фыды фыд дæр уыдысты сфæлдыстадон кусджытæ, уыдон дын бауарзын кодтой аивад? Уæд сæ хаххыл цæмæннæ ацыдтæ?

- Мæ фыд æмæ мæ дада мын куыддæр бынтон чысылæй бауарзын кодтой ацы хъуыддаг. Дада архайдта каскадерæй зындгонд советон кинонывты, се ʻхсæн "Белое солнце пустыни" дæр. Мæ фыд уыд РХИ паддзахадон театры актер. Уый-иу хæдзары æрæмбырд кодта йе 'мгæртты, цагъта гитарæйыл. Хъуыды кæнын, йæ спектакльтæй иуы уыд зарæг æмæ йæ сахуыр кодтон гастрольтæй йе ʻрцыдмæ. Уæд мыл цыд 7-8 азы, куы йын æй азарыдтæн, уæд йæ зæрдæ суынгæг ис, ныр дæр ма йæ хъуыды кæнын. Уый фæстæ-иу мын уый цагъта æз та-иу зарыдтæн. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, мæ фыд уыд цæхгæр ныхмæ, цæмæй æз дæр уыдон фæндаг равзæрстаин. "Хуыцау дæ бахизæт актерон факультетмæ бацæуынæй" – дзырдта-иу мын мæ фыд Аслан. Йæхицæй йæ зыдта ацы дæсныйады уæз. Журналистикæмæ та бахаудтæн æнæнхъæлæджы – æз мæхи цæттæ кодтон кинорежиссурæмæ, ХИПУ-мæ куы бацыдтæн, уæд мын нæ ахуыргæнæг Джиоты Аллæ бауарзын кодта ацы хъуыддаг æмæ дзы нал фæиппæрд дæн.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Люба
Джиоты Люба: фæнды мæ равдисын дунейæн ирон эстрадæйы ног верси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Люба

- Конкурсы архайдтай профессионалон зарæггæнджыты æмрæнхъ, хъæлæскæнынады нæ хынцыдтой хуссарирыстойнаг операторы смс-тæ, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ рамбылдтай. Куыд хъуыды кæныс, цæй мидæг ис де ʻнтысты сусæгдзинад?

- Мæхæдæг дæр æй кæронмæ не ʻмбарын. Адæм зæгъынц - æз зарын зæрдæйæ, æвæццæгæн, уый мидæг ис йæ сусæгдзинад. Адæмæн ирон эстрадæйы уый нæ фаг кæны. Ӕцæг дæр æз æрвылхатт ногæй рацæрын зарæджы æнкъарæнтæ, ралæуды фæстæ мæ эмоцитæ раулæфын. Люба мæ нал вæййы ралæуды фæстæ - "амæлын". Уыдон хонынц ног ирон эстрадон зарджытæ, кæдæй-уæдæй нæм райдыдтой хъусын ирон зарæгмæ.

- Цы дын радта конкурс, куыд бандæвта ацы æнтыст дæ цардыл?

- Райстон приз, Ирыстоны цæгат æмæ хуссары радиотыл ротаци. Фæлæ уыдонæй ахадгæдæр та сты ног æввахс адæм, кæцытæ конкурсы рæстæджы мæнæн ссисты бынтон хион. Се ʻхсæн конкурсы архайджытæ, "Осетия-Ирыстон" æмæ радио "Алания"-йы кусджытæ. Афтæ хъарм мæ райстой æмæ сæ æз дæр бауарзтон. Иууыл æвæрццагдæрыл нымайын ног хорз адæмы фæзынд мæ царды, кæцытимæ æмгуыст кæндзæн дарддæр.

- Цыппар зарæгимæ ралæууыдтæ конкурсы, цы ног зарджытæ, клиптæ дын фæзындзæн, чи дын æххуыс кæндзæн се ʻсфæлдисыны хъуыддаджы?

- Фæнд кæнæм бирæ зарджытæ ныффыссын, ныридæгæн цæттæ цæуынц. Финалон зарæг "Мæ зæрдæйы" бындурыл нæ фæнды сисын клип дæр. Музыкæ фыссы ВИА "А вдруг"-ы солисткæ Хъодалаты Мария, æмдзæвгæтæ дæр сты уый фыст, "фыццаг фæкасты уарзт"-æй даддæр, уый у Токъаты Алиханы куыст. "Дæу тыххæй", кæцы сæххæст кодтам дуэтæй, уый та у Гæбæраты Альзирайы. Мæхицæн дзы иууыл зынаргъдæр у "Мæсыг", уый цыма таурæгъ кæны мæ уды æнкъарæнтыл, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, финалон зарæг, уый ныр баст у уыцыппæт æвæрццаг æнкъарæнтимæ æмæ эйфориимæ.

- Дарддæр цы фæнд кæныс аразын сфæлдыстадон фадыджы?

- Сæйраджыдæр, фæуон мæ ахуыр – дæн журналистикæйы факультеты цыппæрæм курсыл, стæй мæ кæд "ЮОГУ-ТВ"-йæ нæ фæсурой, уæд уым кусын.

Мæн фæнды фенын кæнын дунейæн ирон æвзаг, ирон эстрадæйы ног верси. Куыд рæсугъд у нæ бон зарын æмæ куыд аив у не ʻвзаг. Ӕз мæхицæн ирон æвзаг бакодтон Хъодалаты Марияйы фæрцы ивгъуыд аз. Ныр æй бамбæрстон ууыл хъæуы æвæрын акцент – ирон æвзаг, ирон зарæг æмæ сæ райрæзт. Хонынц мæ концерттæм æмæ мадзæлттæм зарынмæ.

© Из архива Любы Джиоевой Джиоты Люба
Джиоты Люба: фæнды мæ равдисын дунейæн ирон эстрадæйы ног верси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Люба
Ног хабӕртты лентӕ
0