ЦХИНВАЛ, 6 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейаг ӕвзаджы ӕхсӕнадӕмон бон ӕмӕ номдзыд уӕрӕсейаг поэт Александр Пушкины райгуырдыл 220 азы сӕххӕст банысан кодтой цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны. Классикӕн скад кӕныны тыххӕй Цхинвалы Пушкины скверы ӕрӕмбырд сты ахуыргӕнджытӕ, республикӕйы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ ӕмӕ скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ.
Уӕрӕсейаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты Ассоциацийы сӕрдар Тедеты Зӕлинӕ радзырдта поэты цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу азы дӕргъы республикӕйы ахуыргӕнӕндӕтты уагъд цыдысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд уыдысты уӕрӕсейаг литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕгӕн.
"Ацы мадзӕлтты центр уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Афтӕ ма ӕхсӕзӕм скъолайы ауагътой бал, конкурс ӕмӕ равдысттӕ, кӕцытӕ нывонд уыдысты Пушкинӕн", - загъта Тедеты Зӕлинӕ.
Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, Пушкин кӕй уыд номдзыд гоймаг.
"Уӕрӕсейаг дзырдты руаджы ӕвзонг фӕлтӕр исы зонындзинӕдтӕ. Ӕз хъуыды кӕнын, скъолайы Пушкины ӕмдзӕвгӕтӕ ӕнцондӕр бахъуыды кӕнын кӕй уыд аннӕ автортӕм абаргӕйӕ. Стыр хъуыдытӕ-иу бавдыста хуымӕтӕг дзырдтӕй. Уый ӕвдисы поэты разагъддзинад", - загъта президент.
Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта, Уӕрӕсейаг ӕвзаджы бон кӕй фӕзынд ӕхсӕнадӕмон къӕлиндары 2010 азы ӕмӕ нысан ӕрцӕуы номдзыд поэты райгуырӕн боны.
"Статистикӕмӕ гӕсгӕ, 150 милуан адӕймагӕй фылдӕр сӕрибарӕй ныхас кӕнынц уырыссаг ӕвзагыл, сӕдӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр та йӕ нымайынц дыккаг ӕвзагыл. Афтӕ ма ныхасы уырыссаг ӕвзаг ӕнӕмӕнг хъуамӕ ахуыр кӕной космонавттӕ, кӕцытӕ кусдзысты ӕхсӕнадӕмон космикон станцыл", - банысан кодта Гасситы Натали.
Мадзалы рӕстӕджы схорзӕхджын кодтой ӕхсӕнадӕмон поэтикон конкурс "Ай да Пушкин"-ы финалистты – Зассеты Максим, Тедеты Анна ӕмӕ Беппиты Алинайы. Афтӕ ма рабӕрӕг кодтой Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы иууыл хуыздӕр ахуыргӕнджыты: Бедойты Элеонора ӕмӕ Цхуырбаты Нара.
Мадзалы кӕрон ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ Александр Пушкины цыртмӕ.