ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бахӕс кодта бакусын дзӕгъӕл цӕрӕгойтӕн цалдӕр приют саразыны фӕдыл проектыл, хъусын кӕны ЦКХ, ӕртаг ӕмӕ энергетикӕйы министрады пресс-службӕ.
Ӕртӕ стыр приюты саразын нывӕдынц Дзӕуджыхъӕуы, афтӕ ма Мӕздӕг ӕмӕ Ӕрыдоны.
Дзӕуджыхъӕуы ныридӕгӕн кусы иу ахӕм приют, цы ран ис 100 цӕрӕгойы.
ЦКХ министр Тамайты Майран банысан кодта, пункттӕ кӕй уыдзысты рӕстӕгмӕ дарынӕн, "срӕвдз дзы кӕндзыстӕм райсыны, басгӕрсты ӕмӕ хоскӕнынады процесстӕ, уыдзӕн ма сӕ стерилизаци кӕныны фадат дӕр".