ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Кавказы адӕмты минӕвӕрттӕ Турчы ӕххуыс кодтой Хуссар Ирыстонӕн гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы ӕмӕ абон дӕр сӕ хъус дарынц республикӕйы уавӕрмӕ. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) ӕххӕстбарджын минӕвар Турчы Хъаныхъуаты Ремзи радзырдта президент Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президент загъта бузныг уазӕгӕн Хуссар Ирыстонмӕ балцы тыххӕй йӕ бинонтимӕ ӕмӕ банысан кодта, кӕй зоны йӕ куысты тыххӕй Турчы.
"Мӕ цӕст уарзы, цӕмӕй Хуыцау дӕ бинонтӕн радта хорздзинад, дӕуӕн та ӕнтыстытӕ дӕ ахсджиаг куысты", - загъта Бибылты Анатолий.
Хъаныхъуаты Ремзи радзырдта президентӕн ирон диаспорӕйы куысты тыххӕй Турчы Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы 1992-2008 ӕзты. Уый банысан кодта, Кавказы адӕмты минӕвӕрттӕ кӕй ӕххуыс кодтой Хуссар Ирыстонӕн гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы ӕмӕ абон дӕр сӕ хъус дарынц республикӕйы уавӕрмӕ.
"Ирӕттӕ цӕрынц дунейы алы ран дӕр, фӕлӕ уыдон тыххӕй фылдӕр базыдтой 2008 азы августы трагикон цауты фӕстӕ. Абон мах нӕ хъус дарӕм Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады сгуыхтдзинӕдтӕм дипломатон ахастыты райрӕзты фадыджы", - банысан кодта ӕххӕстбарджын минӕвар.
Хъаныхъуаты Ремзийы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны ФХМ ӕххӕстбарджын минӕварӕй Турчы 2019 азы апрелы. Уый ӕххӕст кӕны ахсджиаг функцитӕ, афтӕ ма скъуыддзаг кӕны республикӕйы ӕмбӕстӕгты консулон фарстытӕ.