Хуссар Иры премьер ӕрдзырдта УФ Фӕллойады министримӕ мыздты фӕфылдӕрыл

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы Фӕллойады министрады сӕргълӕууӕг Максим Топилин
Уӕрӕсейы Фӕллойады министрады сӕргълӕууӕг Максим Топилин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пухаты Эрик ӕмӕ Максим Топилины фембӕлд ацыд Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы быдырты

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕллойады министрады сӕргълӕууӕг Максим Топилин ӕрдзырдтой республикӕйы мыздты фӕфылдӕры тыххӕй. Пухаты Эрик ӕмӕ Максим Топилины фембӕлд ацыд Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы быдырты, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварады сарæзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварадты сырæзтыл

Хуссар Ирыстоны делегаци премьер-министр Пухаты Эрикы сӕргълӕудӕй хайад исы Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы - 2019. Делегацийы сконды сты Экономикон райрӕзты ӕмӕ финансты министрӕдты сӕргълӕуджытӕ Бекъойты Геннадий ӕмӕ Хӕбӕлаты Аза.

"Ныхас кодтам Уӕрӕсейы Федерацийы фӕрӕзты руаджы схизын кӕнын Хуссар Ирыстоны мыздты ӕмвӕзад Цӕгат Кавказы федералон зылды кусджыты мыздты ӕмвӕзадмӕ", - хъусын кӕны Пухаты Эрикы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форум 2019 азы цӕуы 6-8 июны.

Форум уагъд цӕуы 1997 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй фӕстӕмӕ та йӕ уадзынц Уӕрӕсейы Федерацийы хайадистӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0