Рабӕрӕг Гасситы Мураты фидӕны ныхмӕлӕууӕджы ном

© instagram/murat_gassievГасситы Мурат
Гасситы Мурат  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй Гасситы Мурат йӕ фыццаг тох суперуӕззау уӕзы ауадздзӕн 27 июлы Америкӕйы, Арлингтоны

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Дунейы экс чемпион IBF ӕмӕ WBA верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурат йӕ радон тох чизоны ауадза америкӕйаг Джоуи Давейкоимӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15 регион фӕсарӕйнаг боксеры командӕйы минӕвары ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ агурын ӕнцон тохтӕ: Гасситы Мурӕт радзырдта йӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй ирон спортсмен йӕ фыццаг тох суперуӕззау уӕзы ауадздзӕн турниры андеркарды. Турнир ацӕудзӕн 27 июлы Арлингтоны (штат Техас, АИШ).

Джоуи Давейко, фӕсномыгӕй "Танк", зындгонд у тагъд ӕмӕ аив нокауттӕй.

Гасситы Мурат бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарӕзтой операци йӕ уӕхскыл. Ирон боксер ногӕй райдыдта тренировкӕ кӕнын ацы аз январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0