Мæскуыйы минæварады хъæлæс кæнынц РХИ парламентмæ депутаттæн

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Мæскуыйы минæварады хъæлæс кæнынц ХИ парламентмæ депутаттæн
Мæскуыйы минæварады хъæлæс кæнынц ХИ парламентмæ депутаттæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæлæсæппæрс цæуы республикæйы æмæ йæ дипломатон уагдæтты фæсарæнты

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварады уæвæг æвзарæн фадыджы Мæскуыйы схъæлæс кодта дæс адæймагæй фылдæр.

2017 азы (президентон æвзæрстыты) Мæскуыйы схъæлæс кодта республикæйы 500 æмбæстаджы.

Хъæлæсæппæрс цæуы республикæйы æмæ йæ дипломатон уагдæтты фæсарæнты.

VII æрсидты парламенты 34 бынатмæ претенденттæ сты авд политикон парти - "Иугонд Ирыстон", "Дзыллæйы иудзинад", "Ныхас", "Иудзинад", "Адæмон парти", "Фыдыбæстæ", "Коммунистон парти" æмæ 99 иумандатон кандидат, уыдонæй 60 раразмæ кодтой партитæ.

Парламент фидаргонд æрцæудзæн æмхæццæ мажоритарон-пропорционалон системамæ гæсгæ. Уæвгæ 34 бынты æмбис æвзæрст æрцæудзæн иумандатон зылдтæм гæсгæ, аннæтæ уыдзысты партийы номхыгъдтæй. Ахæм системæмæ републикæ раздæхт 15 фæстæ. IV , V æмæ VI æрсидты закондæттæг органтæ фидар цыдысты партиты номхыгъдæй.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0