ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik. Кæрæдзи æхст ʻрцыд къуырисæры Цхинвалы централон уынгтæй иуыл, иу адæймаг бахауд рынчындонмæ цæфтимæ, фехъусын кодта Sputnik Наниты Игорь.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, инцидент ʻрцыд Пушкины уынг æмæ проспект Джиоты Аланы алвæндагыл.
"Бынаты кусынц прокуратура æмæ МХМ оперативон-слесгæнæн къордтæ. Уыдон бæрæг кæнынц цауы архайджытæ æмæ йæ лыстæгдзинæдтæ", - загъта министр.
Цæстæйуынджыты ныхæстæм гæсгæ, æхсты хайад истой парламенты депутаттæм дыууæ кандидат.