Хуссарирыстойнаг рауагъдонтæ хайад райсдзысты фестиваль "Алые паруса"-йы

Рафыссын
Балцы нывæзты ис экскурситæ Санкт-Петербурджы фендтаг бынæттæм

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Хуссарирыстойнаг рауагъдонты къорд 14 адæймаджы скондæй хайад райсдзæн фестиваль "Алые паруса"-йы, кæцы ацæудзæн Санкт-Петербурджы 20-25 июны. Се ʻрцыды тыххæй разыдзинад райстæуыд апрелы Хуссар Иры минæвар Гасситы Знаур æмæ Санкт-Петербурджы губернатор Александр Бегловы фембæлды рæстæджы , хъусын кæны дипминæварады пресс-службæ.

"Балцы нывæзты ис экскурситæ Эрмитажмæ, Санкт-Петербурджы историйы паддзахадон музеймæ, Паддзахадон музей "Павловск"-мæ æмæ æндæр фендтаг бынæттæм", - дзырдæуы хъусинаджы.

Æрвылаз, иу сæрдыгон æхсæв, Петербург свæййы иумæйаг концертон фæзуат гуырахстджын шоу-нывæзтимæ. Мадзалмæ бахауæн вæййы æрмæстдæр хуынды гæххæттытæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0