Уыдзæн дзы сквер: Цхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай
Цхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æмрæстæджы ма фидæны скверæн сыгъдæг цæуы раздæры универмаджы бæстыхайы бынат дæр

ЦХИНВАЛ, 11 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы фæзындзæн ноджы иу ног сквер. Улæфæн зона арæзт цæуы горæты раздæры туристон базæйы хæрæндæтты бæстыхайы бынаты, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады хистæр Лалыты Сослан.

Æмрæстæджы ма фидæны скверæн сыгъдæг цæуы раздæры универмаджы бæстыхайы бынат дæр.

"Туристон базæйы хæрæндæтты бæстыхай уыд кæлæддзаг 90-æм æзтæй, уыд дзы зынгирвæзт æмæ нымад цыд аварион объектыл. Саразæн ын нал уыд æмæ тæсагдзинад æвзарын кодта цæрджытæн. Бæстыхай ныппырх кодтам, йæ бынат та раст цæуы", - загъта Лалыты Сослан.

Уый ма радзырдта, сыгъдæгкæнæн куыстыты фæстæ та бавналдзысты хæрзарæстадмæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай
Уыдзæн дзы сквер: Цхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ныппырх кодтой Турбазæйы хæрæндоны кæлæддзаг бæстыхай

"Улæфæн зонæйы æвæрд æрцæудзæн бандæттæ, нысадздзыстæм дзы бæлæстæ æмæ къутæртæ, цæмæй дзы сыгъдæг æфснайд бынаты сæ рæстæг æрвитой сабитæ æмæ хистæр кары адæм", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0