Хуссар Ир æмæ Петербург цæттæ кæнынц æмгуыстады бадзырд

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир æмæ Петербург цæттæ кæнынц æмгуыстады бадзырд
Хуссар Ир æмæ Петербург цæттæ кæнынц æмгуыстады бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахæм сразыдзинад райстæуыд Петербургаг экономикон форумы рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмæ Санкт- Петербурджы хицауадтæ фæнд кæнынц бафыссын бадзырд базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон фадгуыты, хъусын кæны хуссарирыстойнаг хицауады пресс-службæ.

Ахæм сразыдзинад райстæуыд Петербургаг экономикон форумы рæстæджы, цы ран архайдта хуссарирыстойнаг делегаци премьер Пухаты Эрикы сæргълæудæй.

Хуссар Ир ӕмӕ Воронежы область бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Воронежы область бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

"Ӕмархайды развæлгъау сразыдзинад райстæуыд ПӔЭФы рæстæджы. Ныридæгæн дыууæ фарс цæттæ кæнынц бадзырды проект, кæцы, æвæццæгæн, фидар æрцæудзæн фæззæджы. Хуссар Ирыстон æмæ Петербургæн ис дыууæварсон цымыдис æмархайд райтынг кæнын æмæ базарадон ахастытæн хорз уавæртæ скæныны хъуыддаджы, стæй ма инвестицион æмгуыстад дæр срæвдз кæнын", - загъта премьер.

Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, Петербурджы хъуыддаджы лæгтимæ фембæлды рæстæджы ныхас цыд ахæм перспективон хаххыл, куыд рекреацион индустри.

Ног хабӕртты лентӕ
0