Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад радзырдта адæмæн æххуысы тыххæй майы

© Sputnik / Ада БагианРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад æххуысхъуаг æмбæстæгтæм фæкæсыны тыххæй рахицæн кодта 1,5 милуан сомы онг

ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik. Ацы аз майы Хуссар Ирыстоны Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон райрæзты министрад бакодта адресон æххуыс æмбæстæгтæн, кæцытæ бахаудысты уæззау уавæрты. Ӕххуысы иумæйаг бæрц у 1,49 милуан сомы.

Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры æмбæстæгтæй 150-йæ фылдæр райстой материалон æххуыс апрелы

"Материалон æххуыс райстой 134 адæймаджы, уыдонæй 14 сты I æмæ II группæйы инвалидтæ (170 мин сомы), 18 инвалиды сабибонтæй фæстæмæ (180 мин сомы), 64 бирæсывæллонджын бинонтæ (750 мин сомы), 12 фæмардуæвæджы бинонтæ (120 мин сомы), авд æххуысхъуаг бинонтæ (70 мин сомы), 11 сидзæры (110 мин сомы), æнæниздзинады уавæры тыххæй иурæстæгон æххуыс райстой авд æмбæстаджы (85 мин сомы), афтæ ма иу адæймаг та цардуагон хæрдзтæн (5 мин сомы)", - дзырдæуы хъусинаджы.

Зын цардуагон уавæрты бахауæг æмбæстæгтæн адресон æххуыс конд цæуы республикæйы хицауады барамындæй 2015 азы октябрæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0