Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар ныфс дæттынц саразын фондз бонмæ

© Sputnik / Элина ГабараеваЦхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар ныфс дæттынц саразын фондз бонмæ
Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар ныфс дæттынц саразын фондз бонмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæдзары агъуыст систа майы кæрон тыхдымгæ. Арæзтадон куыстытæ темптæ æнæразыдзинад сæвæрын кодтой социалон хызæгты æмæ хицауады

ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар Фидауынгæнджыты уынгыл ныфс дæттынц саразын фондз бонмæ, загътой Sputnik мэрийы пресс-службæйы.

Бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст систа дымгæ 25 майы тыхдымгæйы фæстиуæгæн, уæд горæты разамынад ныфс бавæрдта агъуыст раивынæй, фæлæ хъуыддаг ныффæстиат ис.

"Агъуыст аразын куы райдыдтой, уæд кусджытæ ныппырх кодтой фæздæгдзонтæ, уыдоны ууылты тæрккъæвдайы фатерты фæласта дон", – загътой мэрийы.

Æртæ мæйы æмгъуыд агъуыстыл куыстой дыууæ-æртæ адæймаджы. Аразджытæ ныфс æвæрдтой хорз боныгъæдтæ ахæсдзысты фылдæр æмæ ницы зындзинæдтæ фæзындзæн. Социалон хызæджы куы апарахат сты донласт фатерты къамтæ, видеотæ æмæ мæсты ныхæстæ, уæд хицауады дæр равдыстой сæ ʻнæразыдзинад.

Нардуатон организацийы хистæры ныхмæ раныхас кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыккаг бæллæх: Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы

"Ӕнæнамыс кусджытæ, кæцытæ фехæлдтой куысты дисциплинæ , хъуамæ бæрндзинад хæссой сæ бынатæй ссæрибар кæныны онг", - загъта уый.

Sputnik-ы информацимæ гæсгæ, цæрæн –эксплуатаци комиссийы сæргълæууæг Хъуылымбегты Роберт, кæцы бæрн хаста цалцæгкæнæн куыстыты фæдыл, йæ бынат ныууагъта.

Ныридæгæн объектыл кусы 10-11 адæймаджы, æххæстæй сæм ис арæзтадон æрмæг дæр.

"Куыстытæ фæуыдзысты фондз боны æмгъуыдмæ. Фæздæгдзонтæ ногæй сараздзысты æмæ сом бавналдзысты агъуыст аразынмæ", - загътой мэрийы пресс-службæйы

Сæрмагонд къамис нымайы æрдзон бæллæх цы зиан раста, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0