Ансамбль "Алан"-æн Цхинвалы ацæудзæн концерт

© Sputnik / Наталья АйриянАнсамбль "Алан"
Ансамбль Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Иры сæйраг ансамбль фыццаг хатт равдисдзæн йæ арæхстдзинад Паддзахадон драмон театры сценæйыл

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль "Алан" рцæудзæн концертимæ Цхинвалмæ. Уазæг ансамбль фыццаг хатт ралæудзæн паддзахадон драмон театры ног бæстыхайы сценæйыл, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Ансамбль Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юбилей æмæ хорзæхтæ: ансамбль "Алан"-ыл сæххæст 80 азы

Концерт ацæудзæн 28 июны, 18.30 сахатыл.

"Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль "Алан" ралæудзæн традицион нывæзтимæ. Хуссар Иры цæрджытæн фадат уыдзæн ирон хореографийы хуыздæр номыртæ фенын уазæг артистты æххæстæй", - загътой пресс-службæйы.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль "Алан"-æн бындур æвæрд æрцыд 1938 азы зындгонд композитор Кокойты Тæтæрхъаны хъæппæрисæй. Ныртæккæ ансамблы ис 61 адæймаджы. "Алан" хорзæхджын у бирæ æппæтдунеон фестивальты майдантæй. У Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон æркастыты уæлахиздзау. Адæмы рæгъмæ хæссынц 24 кафты.

Ног хабӕртты лентӕ
0