УУМ фæдзæхсы: Цæгат Иры февзæр уыдзæн боныгъæд

© Sputnik / Natalia Seliverstova /  Ахизын медиабанкмæТæрккъæвда
Тæрккъæвда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирвæзынгæнджытæ сидынц цæрджытæм, цæмæй сæхи бахъахъхъæной, хæххон бынæттæ æмæ цæугæдæтты былтæм ма цæуой ацы дыууæ боны

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æввахс дыууæ боны февзæр уыдзæн боныгъæд, уый тыххæй цæрджыты бафæдзæхста регионал Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.

"Цæгатирыстойнаг синоптикты прогнозтæм гæсгæ, 21-22 июны республикæйы территорийыл уыдзæн тæрккъæвдатæ, их æмæ тыхдымгæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, кæй у тæссаг цæугæдæтты раивылынæй, афтæ ма цъыфы зæйты рацыдæй. Уымæ гæсгæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц цæрджытæм, цæмæй сæхи бахъахъхъæной, хæххон бынæттæ æмæ цæугæдæтты былтæм ма цæуой ацы дыууæ боны.

Ног хабӕртты лентӕ
0