7000 иуæджы: ХИПУ спрезентаци кодтой Ирон æвзаджы фразеологион дзырдуаты

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ХИПУ ахуыргæнджытæ банысан кодтой, чиныгæн кæй ис егъау нысаниуæг æмæ кæй фæахъаз уыдзæн мадæлон æвзаг хуыздæр сахуыр кæнынæн

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд Ирон æвзаджы фразеологион дзырдуаты презентаци. Чиныг сарӕзта филологон зонӕдты кандидат, доцент Дзабиты Зарбег, фыссы газет "Хурзӕрин".  

Автор цыбыртæй æрдзырдта йæ бакæнгæ куысты фæдыл, банысан кодта, чиныгыл кӕй куыста бирӕ ӕзты дӕргъы ӕмӕ йӕм хаст æрцыд авд мин фразеологион иуæгæй фылӕр.

"Тынг бирæ æрмæг райстон хъæууон цæрджытæй, уымæн æмæ уыдонæн се ‘взаг уыд хъæздыг. Ацы чиныджы фæстæ ма æртымбыл кодтон цыппарсæдæйæ фылдæр фразеологизмы æмæ уыдон дæр рæхджы рацæудзысты мыхуыры", — загъта Дзабиты Зарбег.

Мадзалы хайад райстой ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ, Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты кусджытæ, студенттæ.

Чиныгӕн стыр аргъ скодта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар, профессор Хъазиты Мелитон. Уый банысан кодта, чиныг хъæуæг кæй у æмæ дзы кæй спайда кæндзысты куыд зонадон кусджытæ æмæ студенттæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр сæ куысты.

Мæскуыйы ацыд ирон этнолог Уарзиаты Вилены чиныджы презентаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйы ацыд ирон этнолог Уарзиаты Вилены чиныджы презентаци

"Æвзаджы хъæздыг æмæ рæсугъд чи кæны, уыдонæй иутæ сты фразеологизмтæ æмæ сæм Зарбег кæй æрæвнæлдта, уымæй тынг хорз бакодта. Чиныджы ис хъæндзинæдтæ æмæ сæ автор йæхæдæг дæр зоны. Нæй дзы æндæр авторты уацмыстæй хаст фаг цæвиттонтæ дæр, æмæ йæ æз зонын цæмæн афтæ у. Уымæн æмæ тынг зын агурæн сты", — банысан кодта Хъазиты Мелитон.

Профессор Плиты Гацыр зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, автор ма уый размæ дæр дыууæ хатты кӕй рауагъта къаннæгдæр чингуытæ ацы темæйыл, "фæлæ ныр йæ чиныг у гуырахстджын æмæ дзы ис тынг бирæ æрмæг".

”Ацы рауагъд, фыццаджыдæр, махæн амоны иу стыр хъуыддаг — не ‘взаг цас хъæздыг у æмæ дзы мах та куыд кадаварæй пайда кæнæм. Уыцы хъуыдыйæдтæн абон се ‘мбис дæр нæ зонынц нæ адæм æмæ сæ ацы чиныджы руаджы базондзысты. Йе ‘взаджы хъысмæтыл чи куса, йæ базоныныл чи архайа, уымæн ацы чиныг стыр æххуыс уыдзæнис", - загъта профессор.

Чиныджы тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы декан, филологон зонæдты кандидат, доцент Тыбылты Ингæ, уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан, ирон литературæйы историйы кафедрæйы доцент, филологон зонæдты кандидат Биазырты Аллæ, РХИ-йы сгуыхт журналист, историк Хъуылымбегты Роберт æмæ æндæртæ. Уыдон се ‘ппæт дæр банысан кодтой, чиныгæн кæй ис егъау нысаниуæг. Ирон лексикографийы йын нæй аналоги æмæ у фыццаг чиныг, кæцы ахъаз уыдзæнис мадæлон æвзаг хуыздæр сахуыр кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0