Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министр хайад исы ӕхсӕнадон форум "Армия-2019"-ы

Рафыссын

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik. Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министр инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим уагдоны делегацийы сӕргъ хайад исы Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон-техникон форумы "Армия-2019". Юбилейон, фӕндзӕм форум уагъд цӕуы Мӕскуы ӕмӕ Подмосковьейы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ӕфсӕддонтӕ аразынц Цхинвалы плац ӕмӕ ангар хӕстон техникӕйӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфсӕддонтӕ аразынц Цхинвалы плац ӕмӕ ангар хӕстон техникӕйӕн

Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста пленарон рабадты. Мадзалӕн официалон баконд уыд абон, 25 июны.

"Абонмӕ у нывӕзтгонд авиацион кластеры куыст ӕмӕ официалон делегацитӕн сӕрмагонд зонгӕгӕнӕн программӕ. Равдыстон мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты Уӕрӕсейы алыгъуызон регионты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Гассеты Ибрагим ацы масштабон проекты хайад исы ныр ӕртыккаг хатт.

Мадзалмӕ ӕрӕмбырд сты 1,5 минӕй фылдӕр хъахъхъӕнынадон уагдоны, кӕцытӕ равдисдзысты 27 мин хуызыпродукци. Форумы нывӕзты ма ис уӕрӕх зонадон-кусӕгон программӕ, кӕцы ӕрбаиу кӕндзӕн 140 мадзалы хицӕн форматты ӕмӕ тематикон здӕхтыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0