Тохтӕ ӕмӕ денджыз: цхинвайлаг боксертӕ хайад исынц Сочийы турниры

© Sputnik / Из архива тренера И. КокоеваШесть золотых и две бронзовые: цхинвальские боксеры завоевали турнир в Сочи
Шесть золотых и две бронзовые: цхинвальские боксеры завоевали турнир в Сочи  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Егъау ӕхсӕнадӕмон ерысты архайы 350 боксеры Сомихстон, Абхаз, Хуссар Ир æмæ Цæгат Кавказæй

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды боксы скъолайы минӕвӕрттӕ хайад исынц гуырахстджын ерысты Сочийы. Дӕс цхинвайлаг боксеры стох кӕндзысты ерысты призтыл ӕмӕ ӕмрӕстӕджы баулӕфдзысты Сау денджызы, фехъусын кодта Sputnik боксы сколайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Хуссарирыстойнаг боксер рамбылдта турнир Хæстон æрмкъухтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг боксер рамбылдта турнир "Хæстон æрмкъухтæ"

Гом ерыстæ иу кæнынц æртæ турниры. Хуссар Иры командæ тох кæны Советон цæдисы хъайтар Мартирос Нагулянæн нывонд турниры.

"2007-2008 æзты гуырд фæсивæдæй арвыстам дæс равзаргæ лæппуйы, уыдон сты ерысты æппынæдзух лидертæ. Турнирмæ балцы размæ ма сын сæ æмвæзад сфæлвæрттам скъолайы миддæггагон ерысты æмæ уым дæр разындысты æнтыстджын. Фæсивæд рацыдысты барыны церемони æмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм хорз хатдзæгтæм", - загъта Кокойты Ирбег.

Уый ма банысан кодта, сывæллæттæ канд тох кӕй не скæндзысты, фæлæ ма æмрæстæджы баулæфдзысты Сау денджызы был.

"Хæрз хæстæг сты денджызмæ, уымæ гæсгæ ацы бонты улæфгæ дæр бакæндзысты. Турнирæй балхынцъ кæндзыстæм ацы сезон æмæ скъолайы арвитдзыстæм улæфты", - бафтыдта Кокойты Ирбег.

Ерыстæ цæудзысты Сочийы 25-30 июны.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0